Парти «Иугонд Уæрæсе» йы уæнгтæ республикæйы ацæргæ адæмы бабæрæг кодтой бæрæгбоны фæлгæты
Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы уæнгтæ республикæйы ацæргæ адæмы бабæрæг кодтой бæрæгбоны фæлгæты. Уазæгуаты уыдысты 40 карджын адæймагмæ. Се ’хсæн æрмæст Дзæуджыхъæуы цæрджытæ нæ, фæлæ республикæйы районты адæм дæр. Уыдон социалон хъахъхъæнынады кусджытимæ сарæзтой фæкæсинаг чи у, уыцы карджын адæмы номхыгъд. Нæ буц хистæртæн арфæйы ныхæстæ зæгъынмæ араст не ’сфæлдыстадон къорд дæр. Отараты Евгения, куыд алы сылгоймаг дæр афтæ, йæ кары тыххæй дзурын нæ уарзы. Йæ хъазæн ныхас афтæ вæййы: 80 азы мыл нæма цæуы, зæгъгæ. Ацы бон ахæм уазджытæм æнхъæлмæ дæр нæ каст. Фæлæ йæ кæй æрхъуыды кодтой, уый ын æхсызгон у. Парти Иугонд уæрæсейы уæнгтæ бабæрæг кодтой цалдæр карджын адæмы, æмæ се ’хсæн Отараты Евгения дæр. Республикæйы æдæппæтæй цыппор адæймаджы. Уыдонæй дыууын цæры Дзæуджыхъæуы, дыуын та районты. Ацæргæ адæмы тыххæй хъæугæ информаци райстой социалон хъахъхъæнынады. Номхыгъдмæ бахастой, зынтæй чи цæуы, йæ бон йæхицæн дуканийы онг рацæуын кæмæн нæу, уыдон. Алы хæдзары дæр уазджытыл бацин кодтой. Партийы уæнгтæ лæварæн æрбахастой фыццаджыдæр цардæн хъæугæ хойрæгтæ. Ацы хъуыддаджы сын баххуыс кодтой амалхъом адæм. «Иугонд Уæрæсейы»-ы уæнгтæ ахæм хуызы æххуыс кæнынц проект «Старшее поколение»-мæ гæсгæ. Афæдзæй -афæдзмæ Уæрæсейы цæрджытæй пенсион кары чи ис, уыцы адæмы нымæц фылдæрæй-фылдæр кæны. Партийы проекты сæйраг нысан - карджын адæмы æрвылбоны цард фæрогдæр кæнын. Уыимæ ма сæм æхсæнады `ргом раздахын. Хъараты Маринæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Парти «Иугонд Уæрæсе» йы уæнгтæ республикæйы ацæргæ адæмы бабæрæг кодтой бæрæгбоны фæлгæты
Категория:
Новости и СМИ