Рацахстой æмæ ахордтой

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

Фыранктæ Эльбрус æмæ Волна æнтыстджынæй райдыдтой цуан кæнын. Уымæй уæлдай ма, ахуыргæндты хъуыдымæ гæсгæ, сæхицæн фыццаг холы дæр рацахстой. Былвырд кæй зонынц, уыцы фыццаг амæттаг сын фæцис хъæддаг куыдз, адæм "шакалæй" кæй зонынц, уый. Дыгургомы хъæутæй иумæ `ввахс ын йæ хъуын ацагъта Эльбрус. Йæ уæлæ йын цы спутникон хъуырцæг бакодтой, уый цасдæр рæстæг йæ бынат стыр дæрддзæгыл нæ ивта. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ фыранк йæхицæн хæринаджы кой бакодта æмæ дзы иуварс нал цæуы. Æнæхъæнæй йæ кæй фæдæле кодта, уый тыххæй бахъæудзæн генетикон анализтæ саразын. Ахуыргæндтæ фæнд кæнынц, фыранчы амæттаг хъæддаг куыдз уыд æви бирæгъ, уый раиртасын. Цы цармы гæппæлтæ ма дзы фæуагъта, уыдонмæ гæсгæ йæ сбæрæг кæндзысты. Фæлæ Дыгургомы цæрджытæ тыхсынц, уыцы гæдытæ æххормагæй куы амæлой, зæгъгæ. Æрхатыдысты ахуыргæндтæм, цæмæй сын хæринаг авæрой. Уыдон уыцы хъуыдыимæ разы не сты - сæрысуангæй ахæм хæс уыд сæ размæ, цæмæй фыранктæ адæмыл ахуыр ма уой. Хъуамæ сын сæ къухæй хæринагмæ дæр хæстæг ма цæуой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Рацахстой æмæ ахордтой

Категория:

Новости и СМИ