Цæгат Ирыстоны хицауад æркаст республикæйы бюджеты проектмæ 2025-æм æмæ 2026-2027-æм азтæн
Цæгат Ирыстоны хицауад æркаст республикæйы бюджеты проектмæ 2025-æм æмæ 2026-2027-æм азтæн. Бюджетон проектты къамисы фыццаг æмбырд амыдта премьер Дзанайты Барис. Финансты министрад хицауады уæнгты размæ рахаста Цæгат Ирыстоны æнæмæнг фæдзæхстады территориалон фонды æмæ республикæйы бюджеты проекттæн цы хъæугæ документтæ бацæттæ кодтой, уыдон. Дзанайты Барис фæнысан кодта, республикæйы сæйраг финансон документыл куыст афойнадыл райдайын ахсджиаг хъуыддаг кæй у. Профилон министрадæн бабар кодта нысангонд 'мгъуыд куыд æххæстгон цæуы, уымæ цæст дарын. Уымæн æмæ цæрджыты царды уавæртæ фыццаджыдæр аразгæ сты бюджетон фæрæзтæ куыд хардзгонд цæуынц, уымæй. Хицауады сæрдар ма 'ргом аздæхта социалон хæстæ æххæст кæныны фыццаградон фæткмæ. Финансты министры фыццаг хæдивæг Оксана Карова радзырдта сæйраг хæрдзтæ кæй сты бюджетон къабазы кусджыты мызд, æнæмæнг медицинон фæдзæхстады фонды фиддонтæ цæрджыты хицæн къордтæн, уыдоны 'хсæн сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ, афтæмæй. Уыимæ, скъолатæ æмæ рæвдауæндæтты, стæй культурæйы къабазы кусæндæтты ахуырадон процессæн фæрæзтæ. Æнæмæнг у Уæрæсейы Президенты сæйраг уынаффæтæ æххæст кæнынæн фæрæзтæй раст спайда кæнын.