Ног цæрæгойтæ
Абон ма Тускъаты Таймураз фембæлд Æрдзы дунеон фонды хистæр координатор Виктория Элиасимæ. Райсом Цæгат Ирыстоны фæзæхст бынæттæй иуы рауаддзысты 6 зубры. Æрбаласдзысты сæ Рязанæй. Къуырийы фæстæ та сыл бафтдзæн ноджы 4 цæрæгойы. Уый тыххæй æрныхас кодтой сæрмагонд æмбырды. Архайдта ма дзы нæ республикæйы экологи æмæ æрдзон æвæрæнты министры хæдивæг Моурауты Маирбег. Зубрты Цæгат Ирыстоны рауаддзысты 3-æм хатт. Уый размæ дзы нæ республикæйы кæмтты æрбынат кодтой 18. Виктория Элиас куыд загъта, афтæмæй æмгуыстады тыххæй 2017-æм азы цы бадзырд бафыстой, уый æнтысджыннæй æххæстгонд цæуы. Ахæм вазыгджын хъуыддагæн та Цæгат Ирыстон хорз бынат сси. Тускъаты Таймуразы ныхæстæм гæсгæ, Æрдзы дунеон фонды минæварадимæ æмгуыстад ахсджиаг у æмæ йыл дарддæр дæр хъæуы архайын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Ног цæрæгойтæ
Категория:
Новости и СМИ