Коммуналон лæггæдтæн ныр бафидæн уыдзæн æнцондæр фæткмæ гæсгæ
Коммуналон лæггæдтæн ныр бафидæн уыдзæн æнцондæр фæткмæ гæсгæ. Донифтонгад æмæ дондзæуæн хæдзарад Дзæуджыхъæуы байгом кодта фиддонтæ бахæссыны ног центр. Фæлхасгæнджытæн сæ бон у спайда кæнын 11 специалисты æххуысæй. Уыдонæй 5 специалисты кусдзысты алывæрсыг фарстатыл. Цæрджытæн донæн бафидæн уыдзæн æнæ уæлæмхасæн проценттимæ. 4 специалисты архайынц «Телеком+» пайдагæнджытæн, цæмæй сæ коммуналон лæггæдтæн бафидой. Дыууæ рудзынгмæ бадæттæн ис «Владсток»-ы фæдыл хъæугæ гæххæттытæ. Ног центры ис юридикон бæрнондзинады æмæ дон хардз кæныны фарстаты фæдыл хайæдтæ.