Парахат кæны
Алайнаг гимназы ахуырдзауты нымæц фæфылдæр. Йæ къæсæрæй æрбакъахдзæф кодтой 60 фыццагкъласоны. Уый фаронимæ абаргæйæ 20 ахуыргæнинаджы фылдæр у. Фæндгæ та ноджы фылдæры кодта. Фæлæ дзы се `ппæты фаг бынат нæма ис. Цæмæн тырнынц алайнаг гимназы ахуыр кæнынмæ суанг республикæйы дард районтæй дæр, уый базыдта ме `мкусæг Биджелты Бертæ. Беслайнаг лæппу Годжыцаты Алан скъолайы нырма фыццаг къахдзæфтæ кæны. Алайнаг гимназы фæткыл кæй фæцахуыр уыдзæн, ууыл ахуыргæнджытæ дызæрдыг кодтой. Æфсæрмытæгæнаг лæппу у, фыццаг йæхи нæ раргом кæны, адæмыл уайтагъд нæ фæцахуыр кæны. Уый рабæрæг скъоламæ цæттæгæнæн къордмæ ма куы цыд, уæд. Фæлæ йæ хистæр хо Алинæмæ гæсгæ, уый дæр бафæндыд гимназы ахуыр кæнын, суанг ма æхсæвы дæр ныллæууыд. Алинæ æмæ Аланы сæ фыд Георгий иунæгæй хъомыл кæны. Куыд зæгъы, афтæмæй йæ цоты Беслæнæй ласы. Ацы ахуыргæнæндон та куымæн равзæрста æмæ дзы сывæллæтты æрмæстдæр ирон æвзагыл кæй ахуыр кæнынц. Кæд Годжыцаты сывæллæттæ гимназы æхсæвыгон дæр баззайынц, уæддæр ма дзы ис Алайнаг гимназмæ дардæй чи цæуы, ахæмтæ. Алы бон дыууæрдæм кæнынц. Алайнаг гимназы бындурыл интернаты æхсæвы баззайын 10 адæймаджы. Фарон къаддæр уыдзысты. Æхсæвыгон дзы баззайынц дард районтæй чи цæуы, уыцы сывæллæттæ. Уæдæ скъоладзауты нымæц дæр фаронимæ абаргæйæ, дзæвгар фæфылдæр. Ацы аз цыппоры ахуырдзауы бæсты райстой 60. Курдиæттæ та 90 адæймагæй фылдæр балæвæрдтой. Фыццаг ахуыры азæн хатдзæгтæ скодтой. Фидæнмæ пълæнттæ дæр конд сты. Гимназмæ цæттæгæнæн къордмæ ацы аз райсдзысты 16 сывæллоны. Ахуыр кæндзысты къуыри 3 хатты. Гимназы разамынды фæнды уæлæмхасæн программæ дæр апарахат кæнын. Кусджытæ ма сæ зæрдæ дарынц, фæстæдæр гимназы цур рæвдауæндон байгом кæнын сæ къухы кæй бафтдзæн, ууыл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Парахат кæны
Категория:
Новости и СМИ