COVID 19 ы ныхм æ вакцинæ «Бетувакс» ы клиникон иртасæн куыстæн Уæрæсейы æнæниздзинад хъахъхъæнынады
COVID-19 -ы ныхмæ вакцинæ «Бетувакс»-ы клиникон иртасæн куыстæн Уæрæсейы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады бар радтой. Сæрмагонд бæрæггæнæнтæ бахастой клиникон иртæстытæн бардæттæг реестрмæ. Иртæстыты архайдзысты 170 бархионы. Бардæттæг гæххæттытæ нысангонд æрцыдысты фидæны азы 31-æм августмæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, ныртæккæ Уæрæсейы COVID-19-ы ныхмæ регистрацигонд æрцыд фондз вакцинæйы: «Спутник V» æмæ «Спутник Лайт», «ЭпиВакКорона» æмæ «ЭпиВакКорона-Н» æмæ «КовиВак». _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv