5 паддзахады æфсæддонтæ сæ фæндаг кæнынц эльбрусы хохы цъуппмæ
Æппæтадæмон конкурс «Эльбрусское кольцо 2019», зæгъгæ, йæ тæмæны бацыд. Фондз паддзахады æфсæддонтæ сæ фæндаг кæнынц Европæйы æппæты бæрзонддæр - Эльбрусы хохы цъуппмæ. Архайынц дзы Уæрæсе, Инди, Марокко, Казахстан æмæ Узбекистаны æфсæддонтæ. Ерыс кæнынц хæххон уавæрты алыхуызон хæслæвæрддтæ æххæст кæныныл. Зæгъæм, сæ иу - хъыгдард чи баййæфта, ахæм мæнг æфсæддоны хохы нысангонд бынатмæ бахæццæ кæнын. Æнтыстджынæй дзы разынд Уæрæсейы къорд. Афтæмæй 100 баллы райстой. Иннæ хæслæвæрд - ихджын фæзы сæрты ахизын. Хæрдмæ ссæуын хъуыд 100 метры. Уæрæсейы гæрзифтонг тыхты командæ ацы хæслæвæрды йæхи равдыста иттæг хорз. Æдæппæтæй сын снысан кодтой 907 баллы. Дыккаг бынаты - Казахстаны командæ. Уыдон райстой 876 баллы. Æртыккаг къæпхæны аккаг та ссси Узбекистаны иугонд командæ. Æрæмбырд кодтой 630 баллы. Æппæтадæмон конкурс «Эльбрусское кольцо 2019» сарæзтой Дунеон æфсæддон хъæзтыты фæлгæты. Конкурсы къæпхæн кадджын уавæры сæхгæндзысты 16 августы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
5 паддзахады æфсæддонтæ сæ фæндаг кæнынц эльбрусы хохы цъуппмæ
Категория:
Новости и СМИ