Туризмы райрæзт æмæ экспорты хъомысы тыххæй ныхас цыд «Южные ворота России»
Туризмы райрæзт æмæ экспорты хъомысы тыххæй ныхас цыд "Южные ворота России", зæгъгæ, Æппæтадæмон конференцийы. Амалхъомады раззагдæртæ æрдзырдтой республикæйы уазджытæн ног маршруттæ снысан кæныныл, чысыл æмæ астæуккаг амалхъомадæн паддзахадон æххуысы мадзæлттыл æмæ æндæр ахсджиаг темæтыл. Мадзалы премьер Дзанайты Барис аргъ скодта бынæттон кондады продукцийæн: нымæтын æмæ сæракæй конд дзаумæттæн, хъæдын мигæнæнтæн æмæ æндæртæн. Сыхаг бæстæты минæвæрттимæ æмæ биснес-æхсæнадимæ хицауады сæрдар æркаст республикæйы туристон æмæ экономикон бындурты гæнæнтӕм.