Барадхъахъхъæнджытæ сидынц адæммæ, цæмæй цæстфæлдахджыты фæлитой митыл ма разы кæной

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

Цæмæй мæнгард адæмы хызы мачи бахауа, уый тыххæй ныхас кодтой Кировы районы пъæлицæйæгтæ бынæттон цæрджытимæ. Барадхъахъхъæнджытæ сидтысты адæммæ, цæмæй цæстфæлдахджыты митыл разы ма кæной. Пъæлицæйæгтæ фехъусын кодтой районы цæрджытæн, закъонхæлдтыты ныхмæ цавæр мадзæлттæ аразын хъæуы, уый. Фыццаджыдæр къæрцхъусдæр уæвын! Фæстаг рæстæг сбирæ ис, чырæ телефоны фæрцы адæмы чи сайы, уыдоны нымæц. Бонæй-бонмæ кæнынц æрхъуыдыджындæр. Банчы картæтимæ æмæ СМС-хъусынгæнинæгтимæ баст фæливæн миты схемæтæ æнæуый дæр бирæ сты. Арæхдæр адæмы сайынц цавæрдæр зынаргъ лæвар рамбылдтат, зæгъгæ, хабарæй. Хъусыныл сæм чи фæвæййы, уымæн канд йæ чыссæ нæ равдæлон кæнынц. Иуæу-иу хатт ма телефон йæхæдæг дæр аразинаг фæвæййы. Цæмæй уыл ахæм сайд ма рцæуа, уый тыххæй макæмæн дзурут уæ хи бæрæггæнæнтæ, зæрдæхсаинаг хъусынгæнинæгтæн та дзуапп ма дæттут. Уæ банчы хыгъды бæрæггæнæнтæ уын исчи куы агура, банчы кусæг дæн, зæгъгæ, уæд ын уæ бон у алывыд акалын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Барадхъахъхъæнджытæ сидынц адæммæ, цæмæй цæстфæлдахджыты фæлитой митыл ма разы кæной

Категория:

Новости и СМИ