Кокайты Алан ацыдис йæ куыстæй
Дзæуджыхъæуы культурæйы управленийы сæргълæууæг Кокайты Алан йæ куыст кæй ныууагъта. Уыцы цау интернетыл цæстыфæныкъуылдмæ рапарахат. Адæм сæ хъуыдытæ фыстой, бæрнон адæймæгты `хсæн Алан йæ хæстæ хорз кæй æххæст кодта æмæ йын республикæйы цæрджытæ аргъ кæй кодтой, уый тыххæй. Цыбыр рæстæгмæ Алан сарæзта бирæ цымыдисаг мадзæлттæ. Се хсæн «Кинойы афæдз», бирæ алыхуызон тематикон акцитæ æмæ бæрæгбæттæ. Æппæтæй тынгдæр та адæмы зæрдæмæ фæцыди «Митын Дадайы хæдзар». Йæ ныхæстæм гæсгæ, ахæм хъуыдымæ йæхæдæг æрцыд. Ис æм цавæрдæр сфæлдыстадон фæндтæ æмæ сæ хъуамæ сæххæст кæна. Уымæ гæсгæ йæ бахъуыд паддзахадон службæ ныууадзын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Кокайты Алан ацыдис йæ куыстæй
Категория:
Новости и СМИ