Ног разамонæг
Цæгат Кавказы форум «Машук 2018»-ы директор сси Дмитрий Донецкий. Абон Цæгат Ирыстоны Паддзахадон Университеты ын форумы архайджытимæ уыд фембæлд. Æрдзырдтой дзы ацы аз форумы цавæр ногдзинæдтæ фæзындзæн, уыдоныл. Стæй проекттæ раст куыд æмæ цавæр ахуырдон программæтæм гæсгæ аразын хъæуы, уый тыххæй. Дмитрий Донецкий куыд загъта, афтæмæй ныртæккæ сæйрагдæр у форумы гæнæнтæ фæуæрæгдæр кæнын. Цæмæй сæм фылдæр фæсивæд се ргом аздахой. Кæд дзы раздæр æрмæстдæр Цæгат Кавказы студенттæ архайдтой , уæд ныр ахæм фадат фæзындзæн Уæрæсейы кæцыдæр регионтæн дæр. Уымæй уæлдай ма, Машукы ног директор радзырыдта форуммæ уазджытæй чи æрцæудзæн, уый. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Ног разамонæг
Категория:
Новости и СМИ