Цыколайы сæвæрдзысты Хетæгкаты Къостайы бюст
Цыколайы сæвæрдзысты Хетæгкаты Къостайы бюст. Уый тыххæй фехъусын кодтой поэты 160 бонмæ цæттæгæнæн æмбырды. Ацы район у иунæг, ирон литературæйы бындурæвæрæджы цыртдзæвæн кæм нæй. Бюсты автор - Уæрæсейы зындгонд нывгæнæг, скульптор Уæрæсейы нывгæнджыты академийы уæнг Александр Аполлонов. Дæсныйы тыххæй бæлвырдæй радзырдта культурон объектты хъахъхъæнынады республикон комитеты разамонæг Æгайты Эмилия. Александр Апполонов у Дзæуджыхъæуæй рацæугæ. Бирæ азты цард æмæ куыста Кубаны. Йæ фæстаг куыстытæй иу у ирон поэты бюст. Йæ бæллиц уыд Цæгат Ирыстонæн æй балæвар кæнын. Хъыгагæн, уый йæ къухы нæ бафтыд. Дыууæ азы размæ скульптор йæ цардæй ахицæн. Кадджын мадзал сараздзысты юбилейы агъоммæ. Æмбырды ма дзырдтой юбилейы сæйрагдæр мадзæлттæм цæттæдзинады тыххæй. Сæйрагдæртæй иу - республикон литературон-фольклорон бæрæгбон. Ацæудзæн Къостайы райгуырæн хъæу Нары. Уым ма фæнд кæнынц сисын музыкалон-поэтикон композици «Праздик в горах», зæгъгæ. Бацæттæ йæ кæндзысты бæхты драмон театр «Нарты». Иу егъау мадзал ма - ирон культурæйы бонтæ арæзт æрцæуыдзысты Мæскуыйы. Йæ фæлгæты 28-æм октябры Стыр театры залы уыдзæн кадджын изæр. Снысан æй кæндзысты Хетæкгаты Къостайы 160 азы бонæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цыколайы сæвæрдзысты Хетæгкаты Къостайы бюст
Категория:
Новости и СМИ