Цæгат Ирыстоны Паддзахадон Университеты фæнд кæнынц 500 бынатæн æмдзæрæн саразын
Цæгат Ирыстоны Паддзахадон Университеты фæнд кæнынц 500 бынатæн æмдзæрæн саразын. Афтæмæй, хъуамæ фæсарæйнæг студентты нымæц фæфылдæр уа. Уый тыххæй хъусын кæны уæлдæр ахуыргæнæндоны ректор Огъуаты Алан. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Уæрæсейы ахуырад æмæ наукæйы манистрадмæ университеты номæй бадæтдзысты курдиат. Уый руаджы бацархайдзысты сæрмагонд программæйыл. ЦИПУ-йы иу аз фæахуыр кæнынмæ исынц 100 фæсарæйнаг студенты. Ног æмдзæрæны фылдæр бынæттæ куы фæзына, уæд сæ нымæц дæр 300 кæнæ 400-йы онг фæфылдæр уыдзæн. Ныртæккæ университеты ис 2 æмдзæрæны. Æдыппæтæй дзы бынат ис 398 адæймагæн æмæ иууылдæр сты дзаг. Огъуаты Алан куыд зæгъы, афтæмæй ацы азы исæн кампанийы хатдзæгтæм гæсгæ, уыниверситеты ахуыр кæнын райдыдтой 120 студенты 14 бæстæйæ - Китайæ, Сенегалæй, Камерунæй, Сирийæ æмæ æндæртæй. Уый фарон азимæ абаргæйæ у дыууæ хатты фылдæр æмæ нымад у хорз бæрæггæнæныл. 2017-æм азы ЦИПУ-йы кусын райдыдта Фæсарæйнаг студентты ассоциаци, йæ фæлгæты æндæр бæстæтæй ахуырдзаутæн нæ республикæйы цæрынæн аразынц хуыздæр фадæттæ. Уæрæсейы æмæ Цæгат Кавказы культурæ æмæ æгъдæуттимæ сæ зонгæ кæнынц. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны Паддзахадон Университеты фæнд кæнынц 500 бынатæн æмдзæрæн саразын
Категория:
Новости и СМИ