Ансамбль «Алан»
Уæллæй, æнæивгæ хъуыддаг чи каст адæймагмæ, уый дæр аивта. Нурсултан Назарбаев Казахстаны сæргъы уыдис 30 азы чысыл цухæй. Цæй, Хъаспийы денджызы фæстæ хабæрттæй фæстæмæ нæхи Ирыстоны армытъæпæнмæ рахизæм. Æрæджы социалон хызæгтæ байдзаг сты алыхуызон дам-думтæй. Адæм разыйæ нæ баззадысты паддзахадон академион ансамбль «Алан»-ы ног æвæрд кафтæй. Цавæр уыд, куы бафæрсат, уæд - ламбадæ! Зындгонд ансамбль æй фыццаг хатт равдыста мартъийы райдиан Ирон театры сценæйыл. Критикæ сыл алырдыгæй ныккалд. Уый цавæр æнахуыр кæфтытæ сты? Цæмæн хъæуынц ахæм митæ академион ансамблы репертуары - ацы ныхæстæ уыдысты сæ тæккæ фæлмæндæртæ. Иннæтæ та сæ театр «Амыран»-имæ абарстой. Уыдоны дæр къахы бын нæ кæнæм, фæлæ æмткæй райсгæйæ, нæ аивад уарзджыты, нæ республикæйы культурæйы кусджыты зæрдæмæ хъæлдзæг ламбадæ нæ фæцыд. Æппæт уыдонимæ разы нæу сфæлдыстадон къорды аивадон разамонæг Тедеты Руслан. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ансамбль «Алан»
Категория:
Новости и СМИ