Архитектурæмæ фæкаст

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

Республикæйы æмæ горæты хуыз цы объекттæ халынц, уыдонимæ хъæуы тох кæнын. Ахæм хæс ахсджиаг у къорд азы. Фыдæлтæ нын цы рæсугъддзинад ныууагътой, уый хъæуы бахъахъхъæнын. Ног архитектурон авналæнтыл нæхи атигъ кæнын дæр раст нæ уыдзæн. Цæгат Ирыстоны хицауад сфæнд кодта горæты арæзтады республикон комитет саразын. Бадзырд бафыстой. Уыцы уынаффæ хуыздæрырдæм фæзындзæн хъæуты æмæ горæтты `ддаг бакастыл. Сабырдзинады проспект æмæ Терчы былгæрон. Дзæуджыхъæуы ис, цæсты чи ахады, ахæм рæсугъд бынæттæ. Иу æмæ дыууæ не сты. Туристты Федералон центртæй йæ иу суанг сæрмагонд номхыгъдмæ дæр бахаста. Нæ республикæйы сæйраг горæт нымад æрцыд, историон нысаниуæг æмæ рæсугъд арæзтæдтæ кæм ис, ахæм горæттæй иуыл. Номхыгъдмæ ма бахаудысты Владивосток, Томск, Калининград æмæ Элиста. Архитектор Козырты Руслан: «Горæтты рæсугъддæр. Кавказы сахартæ куы райсæм, уæд. УУыл разы сты цæрджытæ дæр. Нæ проспект – чысыл Питеры `нгæс у. Аивадон училищæйы нывгæнджытæн стыр авналæнтæ ис эскизтæ аразынæн. Ис дзы бирæ цымыдисаг къуымтæ. Раст зæгъгæйæ нæ гыццыл, нарæг уынгтæн æмбал дæр нæй. Иу рудзынджы тъæпæн дзы иннæйы хуызæн нæу». Фæлæ нæ горæтмæ лæмбынæг куы афæлгæсай, уæд цыма адæймаг афтæ иузæрдион нал уыдзæн? Афæдзгæйттæ кæй амайынц æмæ заууат уавæрмæ чи æрцыд, уыцы арæзтæдтæ цæстысындзау Дзæуджыхъæуы аив бакастыл къæм æвæрынц. Зæгъæм, мæнæ ацы инновацион сфæлдыстадон центр. Хъуамæ уыдаид, ома. Цы дзы рауад, уый уынут. Ис сæйраг парчы бæстастæу. Раздæр уыдис музей. Горæты æвæрццæг «фидауцæн» 10 азмæ йæ хъысмæт нæ фендæрхуызон. Уавæр аивынæй зæрдæ бавæрдта арæзтадон компани. Уый уыдзæн 2019 азы кæрон. Фæлæ уынгты æрдæгарæзт бæстыхæйттæ кæй афæстиат вæййынц, уый кæй зæрдæмæ хъуамæ цæуа? Сæ бирæ дæр уæдæ цас аив хъуамæ уа? Архитектор Козырты Руслан: «Мæнæ ацы бæстыхай хъуамæ уа æртæуæладзыгон. Дзырддаг у, цъындауафæн фабрикæйы ныхмæ цæрæн хæдзар дæр. Мæнæ ам та чиныгдоны ныхмæ аразынц кафе. Йæ сæр хъуамæ æмбæрзт уыдаид æрдзон æрмæджытæй, кæрдæджы хуызæн чи уыдаид, ахæмтæй. Уыдон та бавдæлдысты æмæ ма йыл дыууæ уæладзыджы ацамадтой. Бынæттон цæрджытæ хъаст кæнынц, фæлæ сæм чи хъусы. Архитекторты ныхасы дæр уæдæ уæз нæй». Уый афтæ у. Сæйраг архитекторы бынат нæм куы нал ис, уæдæй фæстæмæ арæзтад æмæ архитектурæимæ баст хъуыддæгтæ сты бынæттон хицауады бæрны. Горæтты архитектурон аивдзинад фæаууон ис. Цæгат Ирыстоны хицауадмæ архитектурæ æмæ арæзтады сæрмагонд комитет саразыны фæнд бæргæ уыди. РЦИ-Аланийы хицауады сæрдары хæдивæг Фадзайты Æхсарбег: «Сæйраг архитекторы бынат никæй хъæуы. Уæвгæ йын аккаг адæймаг дæр зын ссарæн у. Специалистты хъомыладыл кусын хъæуы. Нæ къухы кæд бафта, уæд æмбæлгæ закъоны проект афæдзы кæронмæ сбæлвырд кæндзыстæм. Ног азæй фæстæмæ сæйраг архитектурон къамис кусын райдайдзæн. Ивддзинæдты фæстæ мæнмæ гæсгæ æхсæнад дæр бамбардзæн, раст фæткмæ гæсгæ кæй кусæм, уый. Æнгомæй кусдзыстæм бынæттон хицауадимæ, сæ куыст сын къуылымпы нæ кæндзыстæм». Ног арæзт комитет æмæ бынæттон хиуынафæййады `хсæн бартæ æмæ хæстæ уыдзысты дихгонд. Уый тыххæй бадзырд бафысгæйæ æрæджы фехъусын кодтой хицауады æмбырды. Хъæуты æмæ горæтты фидæны хуыз æмæ территориалон ивддзинæдтæ, арæзтадон пъланимæ баст фарстатæм кæсдзысты сæйраг архитектурон комитеты. Уым уынаффæтæ хæсдзысты зæххæй пайда кæныны уагæвæрдæн æмæ уæлæмхасæн арæзтадон объектты тыххæй. Хъуыддаг куы сæххæст кæной, уæд арæзтадимæ баст политикæйы куыст кæндзысты, кæмæн æмбæлы, уыдон. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Архитектурæмæ фæкаст

Категория:

Новости и СМИ