Михаил Скоков арфæ ракодта инæлар Бæтæгаты Таймуразæн йæ 80 азы юбилейы фæдыл

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

4 просмотра

7 лет назад

Мидхъуыддæгты министр Михаил Скоков арфæ ракодта инæлар Бæтæгаты Таймуразæн йæ 80 азы юбилейы фæдыл. 30 азæй фылдæр йæ цардæй снывонд кодта барадхъахъхъæнæг оргæнтæн. Райдыдта оперативон кусæгæй æмæ суанг мидхъуыддæгты министры хæдивæджы онг. Бæтæгаты Таймуразæн æхсызгон уыд арфæйы ныхæстæ фехъусын йæ кæддæры æмкусджытæй, Мидхъуыддæгты ветерантæй, йе `мбæлттæ æмæ хæстæджытæй. Уæлдай æхсызгон та йын уыд инæлар-лейтенант Михаил Скоковы `æрбацыд. Уый ветерантæн баххуыс кæнынмæ кæддæриддæр вæййы цæттæ. Юбилярæн зæрдиаг арфæ ракодта, бузныг ын загъта йæ равзæрст дæсныйады хъæбатырдзинады тыххæй æмæ йын зæрдылдарæн лæвæрттæ радта. Фæнысан кодта уый дæр, æмæ пъæлицæйы кусджытæ Бæтæгаты Таймуразы хуызæн хистæртæй сæрыстыр кæй сты, уый. Мидхъуыддæгты министрад республикæйы хицауадмæ фæсидт Бæтæгаты Таймуразæн паддзахадон хæрзиуæг «Ирыстоны намыс»-ы орден раттыны тыххæй. Балæвар кæнынмæ йæм æрбацыд республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Бæтæгаты Таймуразæн йæхи сæрмагонд фæндаг райдыдта æхсайæм азты, уæд Саратовы юридикон институты рауагъдон агуырды хайады сæргъы æрлæууыд. Йе ’мкусджытæ уайтагъд бамбæрстой æрыгон кусæгæн йæ арæхстдзинад. Йæ дæсныдзинады тыххæй хорзæхджын æрцыд ирæ хæрзиуджытæй. Абон инæлар архайы нæ республикæйы æхсæнадон-политикон царды. У Мидхъуыддæгты министрады Ветеранты советы уæнг, кусы æрыгон фæлтæры патриотон хъомыладыл. Тынг цымыдисæй фæхъусынц инæлармæ студенттæ æмæ скъоладзаутæ, хъæбатырдзинады урокты рæстæг. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Михаил Скоков арфæ ракодта инæлар Бæтæгаты Таймуразæн йæ 80 азы юбилейы фæдыл

Категория:

Новости и СМИ