Дзæуджыхъæуы ерыстæ боксæй цæуынц Спорткомплекс «Динамо» йы
Дзæуджыхъæуы ерыстæ боксæй цæуынц Спорткомплекс «Динамо»-йы. Æвзонг спорстментæ сæ тыхтæ взарынц 4 кары къордтæй. Хистæртыл цæуы 11 азы, кæстæртыл та - æстгай азтæ. Ахæм ерыстæ Дзæуджыхъæуы саразынц æрвылаз дæр. Ацы хатт турнирмæ сæмбæлдысты республикæйы районты 151 минæвары. Фыццаг хатт ерысты сæ арæхстдзинæдтæ равдисдзысты Хуссар Ирыстоны спорстментæ дæр. Сæ зонындзинæдтæн сын аргъ скæндзысты фæлтæрдджын тæрхонгæнджытæ. Фембæлдтытæ арæзт сты æртæ раундæй, фæйнæ 30 секунды. Ерыстæ хи цæстæй чи федта, уыдон сын скодтой стыр аргъ. Фæстаг заман бокс нæ республикæйы уæлдай тынг апарахат кæны. Куыд Уæрæсейы, афтæ æппæтдунеон ерысты дæр нæ спортсменты арæхстдзинад спорты ацы хуызмæ бирæ ног фæсивæды æрбалвæста. Уæдæ нæ республикæйы цы егъау ерыстæ цыд, уыдон дæр хъуыддагыл хорзы рдæм сахадыдтой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы ерыстæ боксæй цæуынц Спорткомплекс «Динамо» йы
Категория:
Новости и СМИ