Салдатмæ хорз зилын хъæуы
Хуссар æфсæддон зылды хæринаггæнджытæ æмæ дзулфыцджытæ тохы бацыдысты. Сæ хуыздæр хæцæнгарз: агтæ, къустæ æмæ къоппатæ. Ерыстæ сарæзтой, быдырон уавæрты хуыздæр æмæ хæрзаддæр хæринаг чи скæндзæн, уый сбæрæг кæнынæн. Алы æфсæддон хайад дæр æрбарвыста йæ хуыздæрты. Алы командæ дæр фынгыл цы æрæвæрынмæ хъавы, уый нæ хъæр кæны. Хуыздæртæн диссаджы лæвæрттæ - ратдзысты сын кубоктæ. Сæйрагдæр та - сын бар уыдзæн ерысты Æппæтуæрæсеон къæпхæны архайынæн. Ныр та уал сæхи куыд æвдисынц æмæ цæмæ арæхсынц, уый федта нæ уацхæссæг. Ерысгæнджытæ бирæ, хæслæвæрд та иу - адджын æмæ хæрзад хæринаг скæнын. Архайджытæн байуæрстой иухуызон хойрæгтæ. Бæлвырд амынд рæстæгмæ. Бирæтæ куыд æнхъæлынц афтæмæй æфсæддон хæлцад æрмæст гречкæ,тушенкæ æмæ цай не сты. Хæринаггæнджытæ архайынц службæгæнджытæн рæсугъд æмæ алыхуызон фынгтæ сæвæрыныл. Быдыры сæ мигæнæнтæ сæвæрдтой 12 раны æмæ 5 дзулфыцæн бынаты. Алы командæ кæны алыхуызон хæринаг. Сусæндзинæдтæ раргом кæнынмæ сæ тагъд ничи кæны. Фæнды цæ тæрхоны лæгты сæ конд хæринагæй дисы бафтауын. Дзулфыцджытæ дæр иу ран нæ бадынц. Ныридæгæн хуыссæ скодтой, пец бандзæрстой. Хъæуы мæ сæ хæмпус гуылтæ акæнын. Фæлæ уыцы хъуыддаджы дæр ис сæхи домæнтæ. Гуылы уæз 1 кг къаддæр хъуамæ ма уа. Жюрийы уæнгтæ лæмбынæг кæсынц, чи цы хæиранг кæны æмæ куыд арæхсы, уымæ. Хуыздæр чи арæхсы æмæ алцыдæр домæнтæм гæсгæ чи кæны, уыдонæн сæ балтæ фæфылдæр кæнынц, фæткхалджыты та баллтæй «фæивар» кæнынц. Ерыстаразджыты ныхæстæм гæсгæ, ацы хъуыддаджы уæлдай цæстдард хъæуы. Хуыздæртæн - кубоктæ æмæ зынаргъ лæвæрттæ. Уæлахиздзаутæ дарддæр ерыс кæндзысты Уæрæсейы æфсаддон хайæдты хсæн ерысты æмæ хъахъхъæндзысты Хуссар æфсæддон залды кад. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Салдатмæ хорз зилын хъæуы
Категория:
Новости и СМИ