Куысты мондаг
Цæгат Ирыстоны уæлдæр ахыргæнæндæтты рауагъдонты ахуыр кæнынц, куыст куыд агурын хъæуы, ууыл. Сæрмагонд ахуыртæ аразынц куыст дæттыны комитеты уæнгтæ. Иу ахæм мадзал абон уыдис Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты дæр. Студенттæн радзырдтой, резюме куыд фыссын хъæуы, уый. Равдыстой, зонгæ кæнгæйæ, куыд ныхас кæнын хъæуы хицауимæ. Стæй бацамыдтой, уыцы хъуыддаджы фылдæр рæдыдтытæ кæм кæнынц, уый дæр. Рауагъдонтæ ма базыдтой, комитет цы программæтæ æххæст кæны, уый дæр. Ахæм ахуыртæ уый размæ скодтой Хæххон Аграрон æмæ Финансон университеты. Архайдтой дзы 250 студентæй фылдæр. Ахуыртæ адæргъвæтин уыдзысты мæйы кæронмæ. Дарддæр куыст дæттыны комитет уыдзæн Хæххон-металлургон институты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Куысты мондаг
Категория:
Новости и СМИ