Ирыстойнаг сывæллæттæ сыздæхтысты Мæскуыйæ
35 дзæуджыхъæуккаг ахуырдзауы сыздæхтыстысты Мæскуыйæ. Федтой нæ бæстæйы сæйраг заз бæлас, уыдысты Кремлы. Райсомæй æфсæнвæндагон вокзалмæ сæ размæ æрбацыдысты сæ ныййарджытæ. Бæрæгбонмæ Мæскуымæ арвыстой, олимпиадæты æмæ конкурсты уæлахиздзауты, хорз бæрæггæнæнтæ чи равдыста, уыдоны, стæй сывæллæтты хæдзары хъомылгæнинæгты æмæ æххуысхъуаг бинонтæй сабиты. Дард балцмæ фæрæзтæ радих кодтой республикæйы бюджетæй. Ног азы бæрæгбонмæ сын хуыд æрцыд рæсугъд дарæс. Мадзал арæзт æрцыд ахуырад æмæ наукæйы министрады хъæппæрисæй. Сывæллæттæ абалц кодтой сæ ахуырæнджытимæ. Семæ ма уыд дохтыр æмæ пъæлицæйы кусæг. Куыддæр вагонæй æрхызтысты, афтæ радзырдтой се `нкъарæнтæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Ирыстойнаг сывæллæттæ сыздæхтысты Мæскуыйæ
Категория:
Новости и СМИ