Адæмæн куыстдæттыны республикон комитет Æрыдоны сарæзта армукъа

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

Куысты бынæттæ – се`ппæтæн дæр! Радон хатт адæмæн куыстдæттыны республикон комитеты Æрыдоны хайад сарæзта армукъа. Арæзт цæуынц Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеславы курдиатмæ гæсгæ. Йæ архайджытæн фадат уыд равзарын æмæ ацæуын алыхуызон дæсныйæдтæ. Армукъатæ ныридæгæн ацыдысты Алагиры, Дыгуры, Мæздæджы, Горæтгæрон æмæ Рахизфарсы районты. Дзугаты Рустэм ныр дзæвгар рæстæг агуры куыст. Фæцис Дзæуджыхъæуы базарадон-экономикон техникум. Фæнды йæ цыбыр рæстæгмæ йæ дæсныйадмæ гæсгæ куыст ссарын. Йæхæдæг цæры Æрыдоны. Уымæ гæсгæ æрбацыдис Æрыдоны куыстдæттыны армукъамæ. Кæд Рустэм йæхицæн куыст не ссардта, уæд иннæты тыххæй афтæ зæгъæн нæй.  Кæй сцыбæл кодтой армукъайы куысты бынæттæ, ахæм  адæм дæр  дзы  ис. Уымæ гæсгæ уыдон ныууагътой сæ номыртæ. Радзырдтой сын цавæр лæггæдтæ сæм ис, уый тыххæй дæр. Куыстдæтджытæ бирæ, уæдæ сæм бынæттæ дæр ис. Æмæ æрмæст скъолаты нæ, фæлæ ма хъæууон-хæдзарадон кхъабæзты дæр хъæуынц кусджытæ. Куыстуат "Мастер Прайм Березка", "Почта России", "Лидер-Ойл", Æрыдоны районы ахуырады разамынд, Цæгат Кавказы аграрон-технологон колледж, "ОЗАТЭ"-йы хуыйджыты куыстуат æмæ ма бирæ æндæр бынæттæ  абон цæттæ сты сæхимæ ног адæмы райсынмæ.  Куысты бынæттæ 40-æй фылдæр сты. Платы Альбинæ, РЦИ-Аланийы куыстдæттыны комитеты сæргълæууæг: «Нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславы курдиатмæ гæсгæ, мах аразæм мæнæ ахæм куыстдæттыны армукъатæ. Фидæны нæ фæнды, цæмæй ацы армукъатæ фылдæр кæной.  Абон цы мадзал сарæзтам, уымæй бынтон разы не стæм. Уымæн æмæ адæм уыййас нæ уыд абон. 15 куыстуаты дæттынц бынæттæ. Уыдоны 'хсæн куыд кæсагдарджытæ, афтæ хъæууон-хæдзарадон куыстуаттæ дæр. Цæмæдæр гæсгæ Æрыдоны районæн уыцы бынæттæ сæ зæрдæмæ нæ фæцыдысты». Платы Альбинæ нын куыд радзырдта, афтæмæй ацы аз Æрыдоны армукъа арæзт æрцæудзæн фæстаг хатт. Абон Æрыдоны культурæйы галуаны цы мадзал цыд, уым та цавæрдæр аххоссæгтæм гæгсæ адæм бирæ нæ уыд. Платы Альбинæ куыд бафиппайдта, афтæмæй уый ууыл дзурæг у, æмæ адæм ацы куысты бынæттæм нæ цыбæл кæнынц. Нæ республикæйы куысты бынæттæ нæй зæгъгæ куы зæгъай, уæд уый гæды ныхас уыдзæн. Платы Альбинæ, РЦИ-Аланийы куыстдæттыны комитеты сæргълæууæг: «Махæн нæ бон афтæ зæгъын нæу, æмæ нæ республикæйы куыст нæй. Уынут æй, 40 бынатæй фылдæр сты. Зæгъæм, ацы ран бирæ адæм куы уыдаид, уæд куысты бынæттæ иууылдæр сæхи бакодтаиккой. Фæлæ, хъыгагæн, уый нæ федам». Цæгат Ирыстоны иннæ районты цы армукъатæ арæзт æрцыд, уыдонимæ абаргæйæ, абон Æрыдоны бирæ адæм нæ уыд. Зæгъæм, уымæй размæ, Рахизфарсы, Горæтгæрон районыты куыст чи агуры, уыдон дæр фылдæр уыдысты. Ныртæккæ Платы Альбинæйы ныхæстæм гæсгæ, нæ республикæйы куыстдæттыны комитетмæ фидæнмæ бирæ плъæнттæ ис. Хъуамæ уыдон иууылдæр æххæстгонд æрцæуой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Адæмæн куыстдæттыны республикон комитет Æрыдоны сарæзта армукъа

Категория:

Новости и СМИ