Дзæуджыхъуы схорзæхджын кодтой конкурс «Къоста160» йы архайджыты
Абон Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы мемориалон хæдзары схорзæхджын кодтой конкурс «Къоста-160»-йы архайджыты. Конкурс арæзт æрцыд журанал «Ногдзау»-ы разамынды хъæппæрисæй. Уыдон сын радтой кады гæххæттытæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ. Уымæй уæлдай ма сын Къостайы мемориалон хæдзары сарæзтой экскурси. Ацы конкурс бацæттæ кодтой социалон хызæгты фæлгæты. Арæзт æрцыди фыццаг хатт. Бацархайдтой дзы бирæ адæм. Алкæй дæр бафæндыдис, ирон литературæйы бындурæвæрæджы æмдзæвгæтæ бакæсын, æмæ сæ роликты хуызы интернеты тыгъдадмæ бахæссын. Архайджытæ бирæ кæй уыдысты, уый тыххæй конкурсы аразджытæн уæлахиздзау равзырын зын уыдис. Фæлæ адæм социалон хызæгты сæхæдæг кæй æвзæрстой, уыдоны фылдæр хъæлæстæ чи райста, уыдон нысангонд æрцыдысты раззагдæртыл. Æппæты фылдæр хъæлæстæ райста Цæргæсты Мадинæ, дыккаг бынæт та лæвæрд æрцыд Тезиаты Дзерассæйæн. Уыимæ ма журнал «Ногдзау»-ы номæй Бæдтиаты Мадинæ хорзæхгонд æрцыд кады гæххæттæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъуы схорзæхджын кодтой конкурс «Къоста160» йы архайджыты
Категория:
Новости и СМИ