Хетæгкаты Къостайы юбилеймæ Цæгат Ирыстоны сарæзтой флешмоб

2 тыс. подписчиков

12+
12+

11 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

11 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

11 просмотров

7 лет назад

«Читаем Коста» - ахæм флешмоб сарæзтой нæ республикæйы. Бацархадтой дзы мин адæймагмæ ’ввахс. Акцийы аразджытæ сты Цæгат Ирыстоны ахуырад æмæ наукæйы министрад. Снысан æй кодтой ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы 160-ай азы юбилеймæ.  Флешмобы архайдтой скъолайы агъоммæ ахуыргæнæндæтты æмæ скъолаты ахуырдзаутæ. Акцийы хъуыды ахæм у - иу сахатмæ уыцы иу рæстæг 20 алыхуызон бынаты, республикæйы алы районы Къостайы æмдзæвгæтæ бакæсын. Уыимæ ма, канд Цæгат Ирыстоны нæ, фæлæ ма æгас Уæрæсейы дæр - Кæсæг-Балхъары, Хъæрæсе-Черкесы, Дагестаны, Якутийы æмæ æндæр регионты. Хетæгкаты Къостайы цыртдзæвæны раз къах авæрæн нæ уыд. Сабырдзинады проспекты абон æрбамбырд сты алы кар адæм. Сæ фылдæр скъолаты ахуырдзаутæ сæ ахуыргæнджытимæ. Уыдон бацæттæ кодтой æмдзæвгæтæ, уацмыстæй скъуыддзæгтæ æмæ чысыл сценикон равдыстытæ. Сæ ныхæстæм гæсгæ сын тынг æхсызгон у, ацы мадзалы кæй архайынц, уый. Наукæйы министрады бардзырдмæ гæсгæ абон нæ республикæйы райдыдта Хетæгкаты Къостайы номимæ баст къуыри. Уыйадыл нæ горæты арæзт цæудзысты мадзæлттæ æмæ цымыдисаг фембæлдтытæ. Уыдоны 'хсæн экскурситæ, лекцитæ æмæ литературон флешмобтæ. Ныры онг уал сывæллæттæ бацархайдтой «Кæсæм Къостайы иумæ» - зæгъгæ, цы литературон флешмоб хуыйны, уым. Ахуырад æмæ наукæйы министрады национ хайады сæргълæууæг Нæкуысаты Иринæйы ныхæстæм гæсгæ, ацы флешмоб ахæццæ æндæр регионтæм дæр. Къостайы цыртдзæвæны цурмæ абон æрбацыдысты нæ республикæйы 3-æм, 27-æм, 28-æм æмæ 18 - æм скъолаты ахуырдзаутæ. Уыцы иу рæстæг ма флешмобтæ райдыдтой Цæгат Ирыстоны Паддзахадон университет æмæ Къостайы мемориалон хæдзары. Уым та бацархайдтой 5-æм гимназы скъоладзаутæ. 5-æм гимназы ахуырдзаутæ бацæттæ кодтой цымыдисаг æмæ арфхъуыдыджын программæ. Бахастой йæм æмдзæвгæтæ æмæ уацмыстæ. Уыимæ ма заргæ дæр акодтой. Куыд нын радзырдтой, афтæмæй Къостайы музейы арæх вæййынц. Фæнды сæ Къостайы цардвæндаджы тыххæй фылдæр зонын. Аразджыты ныхæстæм гæсгæ, ацы мадзæлтты фæрцы сывæллæттæ хуыздæр базонгæ уыдзысты Къостайы сфæлдыстадимæ. Куыд æй зонæм, афтæмæй ирон литературæйы бындурæвæрæджы 160 азы райгуырæн бонмæ нæ республикæ бæстонæй цæттæ кæны. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Хетæгкаты Къостайы юбилеймæ Цæгат Ирыстоны сарæзтой флешмоб

Категория:

Новости и СМИ