Мартъийы бæстæйы скъолаты ацæудзысты «Нымæцон уроктæ» тестыты технологимæ гæсгæ
Мартъийы бæстæйы скъолаты ацæудзысты "Нымæцон уроктæ" тестыты технологимæ гæсгæ. Сывæллæттæ базонгæ уыдзысты программон ифтонгдзинады сæйраг хуызтæ æмæ инструменттимæ, базондзысты, къабазы специалисттæм цы фæлтæрддзинад хъуамæ уа æнæмæнг, уый тыххæй. Профориентацион архайдæй уæлдай, ахуырадон æрмæджытæ æххуыс уыдзысты функционалон æмæ нымæцон зонындзинæдты райрæзтæн. Урокы уыдзæн ахуырадон видеоæрмæг æмæ зонындзинæдтæ ныффидар кæнынæн интерактивон тренажер. Пайда кæнæн дзы ис райдайæн, астæуккаг æмæ хистæр къластæн. Æртæ тренажеры дæр сты хъазты хуызы. Сæ сюжет у детективы хуызæн. 1 мартъийы проекты сæрмагонд фарсыл интернеты ацæудзысты фæсаууонмæ ахуыртæ, уый педагогты фæлтæрддзинад фæуæлдæр кæнынæн. Уæд уроктæ уыдзысты пайдаджын æмæ цымыдисаг скъоладзаутæн.