Фарстама æркæсдзысты
Тагъдæххуысы рынчындоны кусджыты хъасты фæдыл Цæгат Ирыстоны прокуратурæ бæрæг кæны уагдоны кыст. Ведомствойы пресс-службæйæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй сбæрæг кæндзысты фæллойадон кодекс куыд æххæстгонд цæуы, уый. Бæлвырддæр дзургæйæ та, медицинон уагдоны разамынд йæ кусджыты бартæ халы æви нæ, мызд сын куыд фидынц, уый æмæ æндæр фарстатæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, цалдæр боны размæ дзыллон информацион фæрæзты апарахат видео. Тагъдæххуысы клиникон рынчындоны санитаркæтæ дзы хъаст кæнынц, сæ мызд сын æхæстæй кæ нæ фидынц, уымæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Фарстама æркæсдзысты
Категория:
Новости и СМИ