Театр «Нарты» цæттæ кæны музыкалон поэтикон спектакль

2 тыс. подписчиков

12+
12+

16 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

16 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

16 просмотров

7 лет назад

Бæхты паддзахадон драмон театр «Нарты» цæттæ кæны музыкалон-поэтикон спектакль «Праздник в горах». Репетицитæ сæ тæмæны сты. Премьерæ снысан кæндзысты Хетæгкаты Къостайы 160 азы юбилейы кадæн. Спектаклы режиссер-æвæрæг - Цæгат Ирыстоны адæмон артист Сихъоты Тимур. Спектаклы сценарийыл та бакуыста - нæ республикæйы адæмон поэт Кокайты Тотрадз. Равдысты уыдзæн бирæ хæстон æмæ цымыдисаг сцентæтæ. Премьерæ уыдзæн 6-æм октябры. Уæдмæ театры артисттæ сæ арæхстдзинадыл ноджы æфтауынц. 13 азы «æнæзмæлгæйæ» цы театр уыд, уый ныртæккæ та райдыдта кæнын йæ фыццаг къахдзæфтæ. Æнæхъæн Уæрæсейыл хъуыстгонд цы артисттæ уыдысты, уыдон та нын равдисдзысты сæ фæлтæрддзинад. Зындгонд бæхты драмон театр «Нартæ» цæттæ кæны цымыдисаг æмæ арфхъуыдыджын премьерæ. Паддзахадон театры архайджытæ цæттæ сты сæ куыст адæмы рæгъмæ рахæссын.  Тетар «Нартæ»-йæн бындурæвæрд æрцыд 1990 азы. Сæ фыццаг аивадон разамонæг уыд Дзиуаты Анатолий. Ацы ном фехъусгæйæ, хистæр кары адæм æрхъуыды кæндзысты Дзиуаты Анатолийы æвæрд спектаклтæ «Хъодыгонд зæд» æмæ «Гамлет». Уыдон хъуыстгонд уыдысты æппæт Уæрæсейы æмæ ма фæсарæнты дæр. Адæмæн стыр æхсызгондзинад хастой. Фæлæ фæстæдæр театры гæнæнтæ фæкъуындæгдæр сты. Бæхтæ цы бынæтты вæййынц, уый дæр заууат уавæрмæ сындæггай цыди. Фæлæ театры зæрдæргъæвд разымынд æмæ актерты дæныйæды фæрцы репетицитæ ногæй сæ тæмæны бацыдсты. Ныры театры аивадон разамонæг Сихъоты Тимуры хъæппæрисæй театр цæттæ у кусынмæ. Ныртæккæ уал цæттæ сты аивадуарзджыты размæ рахæссын Къостайы сфæлдыстадимæ баст премьерæ. Спектаклы сценарист у фыссæг Кокайты Тотрадз, аивадон разамонæг та Сихъоты Тимур. Къостайы сурæтыл та бакуыста Хъараты Алик. Уыимæ ма ацы премьерæйыл бакуыстой Цæгат Ирыстоны академон æмæ Дыгурон театрты артисттæ. Ацы аз Хетæгкаты Къостайы 160 - ай азы стыр бæрæгбонмæ нæ республикæ йæхи бæстонæй цæттæ кæны. Арæзт æрцæудзæн бирæ мадзæлттæ. Уыимæ дзы архайдзысты куыд хистæртæ, афтæ кæстæртæ дæр. Хъуамæ Къостайы ном рохгонд ма уа, хъуыды кæны Цæгат Ирыстоны Паддзахадон университеты театралон факультеты студент Гагуылаты Сослан дæр. Йæхицæн æй стыр кадыл нымайы, ацы премьерæйы архайыны бар ын кæй ис, уымæй. Ныртæккæ ацы адæмы сæйраг нысан у театры ном раздахын. Фæстæмæ йæ æмбæлгæ æмвæзадмæ сисын. Цæмæй та ногæй адæмы зæрдæты бынат ссара, уый тыххæй. Бæхты театр «Нартæ» ныртæккæ цæттæ у 488 адæймаджы æрбахонынмæ. Театр кæд фæкæсынхъуаг у, уæддæр дзы ныртæккæ зæрдиагæй архайынц. Дзæвгар рæстæджы фæстæ театр аивадуарзджытæм æнхъæлмæ кæсы 7 æмæ 8 октябры. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Театр «Нарты» цæттæ кæны музыкалон поэтикон спектакль

Категория:

Новости и СМИ