Цъыккаты Владимиры хæстæджытæ рацыдысты ныхлæуды акцимæ
Дыууæ азы рацыд Цъыккаты Владимиры тыхамæлæты бонæй. 39-аздзыд нæлгоймаджы аххосджын кодтой, пъæлицæйы кусæджы кæй фехста, уый тыххæй. Дзæуджыхъæуы пъæлицæйы хайадмæ йæ куы баластой, уæд дзы домдтой йæ аххосыл басæттын, тынг æй фæнадтой. Уыйфæстæ нæлгоймаг рынчындоны амард. 2 азы цы слестгæнæн куыстытæ цыдысты, уыдонæн та бæлвырд хатдзæгтæ нæма ис. Театралон фæзы митинджы уыдис нæ уацхæссджыты къорд дæр. Театралон фæзы ныхлæуды акцийы архайдта 300 адæймагæй фылдæр. Цъыккаты Владимиры хиуæттæ æмæ йæ зонгæтæ нæ дызæрдыг кæнынц, уголовон хъуыддаг æрæгмæ барæй кæй иртасынц, ууыл. Уырны сæ, Владимир, барадхъахъхъæнджытæ йæ тынг кæй фæнадтой, уый аххосæй кæй амарди. Адæм лæууынц транспаранттимæ æмæ йæ къамтимæ. Афæдзы райдайæны ма ахæстоны уголовон хъуыддаджы фæдыл цы æртæ аххосджыны уыдысты, уыдоны сæ хæдзæрттæм ауагътой. Уый базонгæйæ Цъыккаты Владимиры хиуæттæ акцимæ рацыдысты. Социалон хызты республикæйы цæрджытæ фыстой сæ хъуыдытæ, барадхъахъхъæнджытæ хъуыддаг рæстдзинадыл æнцайгæйæ кæй нæ сæхгæндзысты, уый тыххæй. Цъыккаты Владимиры идæдз бинойнаджы адвокат фехъусын кодта, аххосджынты ахæстоны фæдарыны æмгъуыд афойнадыл нæ адарддæр кодтой, æмæ сын уынаффæ рахастой се суæгъд кæныны тыххæй. Митинджы архайджыты ныхæстæм гæсгæ, адæм пъæлицæйæгты æмæ барадхъахъæнджыты ныхмæ не сты. Фæнды сæ, цæмæй уыцы хъуыддагæн дзуапп чи дæтты, уыдон бæрнонæй бакусой, уый. Дыууæ азмæ аххосджынты нæмттæ нæма фехъусын кодтой. Владимиры хиуæттæн рæстдзинад сбæрæг кæнын сæ къухы нæма бафтыди, æмæ сæ уырны, барадхъахъхъæнджыты хъуыддаг кæронмæ ахæццæ кæнын нæ фæнды. Фыдракæнд саразынæй цы 10 адæймаджы зылынджын кодтой, уыдон се ппæт дæр сты сæ хæдзæртты. Хæссынц сæс, сæ куысты фадæттæй æгæр кæй спайда кодтой æмæ тыхæй кæй архайдтой, ахæм азым. Фæлæ Владимиры хиуæтты хъуыдымæ гæсгæ, уый фаг нæу. Фæнд кæнынц сæ хъаст Уæрæсейы слестгæнæн комитеты сæргълæууæг Александр Бастрыкинмæ фæхæццæ кæнын. Ныридæгæн уал бацæттæ кодтой сæ курдиат нæ республикæйы сæргълæууæгмæ, дарддæр та цæудзысты федералон оргæнтæм. Гуыбаты Людæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Цъыккаты Владимиры хæстæджытæ рацыдысты ныхлæуды акцимæ
Категория:
Новости и СМИ