Парламенты æмбырд
Цæгат Ирыстоны фæсивæдон парламентмæ равзæрстой 12 ног депутаты. Уый тыххæй фехъусын кодтой парламенты радон æмбырды. Сæрдариуæг дзы кодта Цæгат Ирыстоны парламенты сæрдар Алексей Мачнев. Уымæй уæлдай ма байхъуыстой Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министр Михаил Скоковы докладмæ, кæцыйы фæнысан кодта профилон уагдоны куысты хатдзæгтæ. Æдæппæтæй æрдзырдтой 9 фарстайыл. Уæлдай æргом аздæхтой тарнизæй рынчын чи у, уыцы адæмæн социалон æххуыс бакæныны проектмæ. Профилон комитеты сердар Реуазты Ларисæ куыд зæгъы афтæмæй нæ республикæйы бæрæггæнæнтæ бæрзонд сты. Нæ республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæныны министр Годжыцаты Тамерлан куыд зæгъы афтæмæй цæрджытæ æрвылаз рентген нæ кæнынц. Æнæниздзинады министрад районтæм æрвитдзæн сæрмагонд хæдтулгæтæ кæцыты бынаты фадат уыдзæн рентген скæнын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Парламенты æмбырд
Категория:
Новости и СМИ