Хъуыды сæ кæнæм
Мысæн мадзæлтты фæлгæты ма сарæзтой «Свеча памяти», зæгъгæ акци. Фæсивæд, артисттæ, æхсæнадон организациты уæнгтæ æрæмбырд сты Уæлахизы фæзы. Ам 11 декабры 1972 азы танк т-34-æн сæвæрдтой цыртдзæвæн. Уæд мадзал снысан кодтой Уæлахизы 30 азы бонмæ. Абоны акци райдтыдта «Помним! Через века,через года, помним», зæгъгæ Роберт Рождественскийы æмдзæвгæйæ. Акцийы архайджытæ у минут æдзымæй алæууыны фæстæ цыртдзæвæныл сæвæрдтой дидинджытæ. Артисттæ æмæ скъоладзаутæ акодтой хæсты рæстæджы зарджытæ. Бакастытсты æмдзæвгæтæ. Мадзалы рæстæг фæзыл сыгъдис цырæгътæй фыст ныхас «помним», зæгъгæ. Уымæй уæлдай ма арæзт уыд Цæгат Ирыстоны аивæдты сгуыхт кусæг Тебиаты Златæйы куыстыты равдыст. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хъуыды сæ кæнæм
Категория:
Новости и СМИ