Цардæмбæлттæн ахицæн уæвын суыдзæн зындæр

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

Бирæ хатт уымæ цæттæ нæ разынынц æрыгон, йæ цард талф-тулфæй чи баиу кæны, ахæм æрыгон фæсивæд. Ныр Уæрæсейы, гæнæн ис, æмæ цардæмбалимæ рахицæн уæвыны хъуыддаг фæзындæр уыдзæн. Адæм кæй рахицæн вæййынц, уый æвзæрырдæм ахады æхсæнады демографион уавæр æмæ фæткæвæрдыл. Дмитрий Медведевмæ уыцы хъæппæрисимæ бахатынвæнд кæны Ленинграды облæсты депутат Владимир Петров. Уый тыххæй фехъусын кодта информацион рауагъд News.ru. Бæлвырддæрæй депутаты хъуыдыйы ис, ахæм æмбарынад, куыд «фæсаууонмæ хицæн» ныффидар кæнын. Йæ мидисы æвæрд ис кæрæдзийæ чи сфæлмæцыд, уыцы дыууæ адæймагæн ахъуыды кæнынæн бæрæг æмгъуыд радтын. Ахъуыды кæнынæн сын дæтдзысты дыууæ, æртæ мæйы. Иумæйаг сывæллæттæ кæм ис, уыцы бинонтæн та - афæдзы `рдæджы онг. Закъонмæ гæсгæ дыууæ бинойнаджы хъуамæ райсой психолоджы æххуыс дæр. Специалистæн бафидæн уыдзæн медицинон фæдзæхстады æххуысæй. Психолог хъуамæ бакуса, дыууæ бинойнаджы цы уынаффæ рахастой, уый фæстиуджытимæ, æмæ скæна хатдзæгтæ. Депутаты ныхæстæм гæсгæ, æппæт уыцы мадзæлттæ баххуыс кæндзысты бинонтæ бахъахъхъæнын æмæ демографион уавæр фæхуыздæр кæнынæн. Фæнысан ма кæндзыстæм уый, æмæ 2018 азы Уæрæсейы официалон æгъдауæй рахицæн сты 590 мин къайы. Рахицæн уæвыны къæсæрыл чи лæууы, уыдоны нымæц та дæс азмæ 15% фæкъаддæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Цардæмбæлттæн ахицæн уæвын суыдзæн зындæр

Категория:

Новости и СМИ