Аланийы аргуыды 110 азы юбилейы куыд бæрæг кæндзысты, уый тыххæй дзырдтой Хицауады хæдзарты
Аланийы аргъуыды 1100 азы юбилейы бæрæгбоны мадзæлтты тыххæй дзырдтой абон Хицауады хæдзары. Æмбырдæн разамынд лæвæрдта Хицауады сæрдары хæдивæг Азымты Иринæ. Ныхас кодтой 2022 азы бæрæгбоны мадзæлттæм куыд цæттæ кæнынц, уый тыххæй. Æмбырды архайджытæ æрныхас кодтой Уæрæсейы Федерацийы Хицауады вице-премьер Ольга Голодец цы организацион къамисы сæрдариуæг кодта, уый куысты хаттдзæгтыл. Цы хæслæвæрдтæ дзы снысан кодтой, уыдон куыд æххæст кæныдзысты, уый тыххæй. Азымты Иринæ куыд загъта, афтæмæй Аланийы аргъуыды 1100 азы юбилей кадджын бæрæгбон у куыд Ирыстоны, афтæ æгас Уæрæсейы дæр. Уый тыххæй хъæуы куыд æмбæлы, афтæ бацæттæ кæнын. Фæнд кæнынц егъау мадзæлттæ саразын. Æрмæст циндзинады хъуыддæгтæ нæ уызæн. Фæнд кæнынц культурон нысаниуæг кæмæн ис уыцы объекттæ æмæ аргъуантæ сцалцæг кæнын. Уымæй уæлдай ма сараздзысты спортивон мадзæлттæ, музейон равдыстытæ æмæ проекттæ. Бæрæгбонымæ рауаддзысты номарæн æхцатæ, документалон, аивадон æмæ мальтипликацион кинонывтæ. Фыст æрцæудзысты историон чингуытæ. Цæгат Ирыстонмæ æрцæудзæн Мæскуыйаг æмæ æгас бæстæйы патриарх Кирилл. Æмбырды кæронбæттæн Азымты Иринæ бауынаффæ кодта арахйджытæн сæ куыст афойнадыл æмæ фæткмæ гæсгæ скæнын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Аланийы аргуыды 110 азы юбилейы куыд бæрæг кæндзысты, уый тыххæй дзырдтой Хицауады хæдзарты
Категория:
Новости и СМИ