Цæгат Ирсытоны хицауады сæрдар Дзанайты Барис сбæрæг кодта театрты уавæр
Республикæйы хицауады сæрдар Дзанайты Барис сбæрæг кодта театрты уавæр. Куыд рабæрæг, афтæмæй культурæйы уагдæтты ййафынц къуылымпыдзинæдтимæ. Доны хæтæлтæ, бæстыхæйтты сæртæ, ифтонггæрзтæ — иууылдæр ногæй ивинаг. Премьеры кусæг балцы тыххæй нæ уацхæссæджы æрмæг. Уырыссаг театры цур дæсга хæдтулгæтæ кæй ныууадзынц, уый алчидæр фены. Йæ аивадон разамонæг Владимир Уваров фыццаджыдæр фæнысан кодта уыцы фарста. Уавæр къуылымпыдзинæдтæ æвзæрын кæны. Театры æндæр райхалинаг фарстатæ дæр гыццыл нæй. Техникон агъуыстыты сæрмæ цар тæдзы, доны хæтæлтæ заууат уавæры. Уæдæ театры транспорт æмæ ифтонггæрзтæ дæр сты сног кæнинаг. Рацарæзты наукон-проектон гæххæттыл раджы бакуыстой, 2017-æм азы. Ныр сæ нырыккон домæнтæм гæсгæ сног кæнын хъæуы, фæбæрæг кодта Дзанайты Барис. Дарддæр хицауады сæрдар федта Ирон театры уавæр. Зындзинæдтæ ам дæр бирæ ис. Бæстыхай 55 азы размæ амад у æмæ бындуронæй цалцæггонд никуы уыд. Коммуникацитæ бынтондæр заууат уавæрмæ æрцыдысты. Бæстыхайы сæр æмæ сценæйы ифтонггæрзтæ раивинаг сты. Сценæмæ рацæуыны размæ артисттæ сæхи кæм цæттæ кæнынц, уыцы агъуыстытæ дæр хуыздæр уавæры не сты. Уæвгæ, спектаклты размæ аппаратурæ хаццоны райсы. Ирон театры рацарæзты проект цæттæ у. Дзанайты Барис бабар кодта февралы кæронмæ пълан снысан кæнын. Æрмæст театр хъуамæ йæ куыст ма баурома. Адæймаджы царды театры ахадындзинад стыр у. Æмæ нæ уыцы хæзна хъæуы бахъахъхъæнын. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv