Дзæуджыхъæуы сæйраг парк дарддæр цалцæг кæнынц
Дзæуджыхъæуы сæйраг парчы дарддæр цæуынц цалцæггæнæн куыстытæ. Ныртæккæ рахызтысты арæзтады 2 къæпхæнмæ. Кусджытæ цæттæ кæнынц фистæгцæуджыты фæндæгтæ. Тагъд сæ хъуамæ къæй дуртæй байтауой. Уымæй уæлдай ма фæнд кæнынц парчы цъæхфæлыст æмæ зайæгойтæ фæфылдæр кæнын. Хъуамæ базилой цы хид дзы ис, уымæ. Сног кæндзысты Терчы былгæрæттæм æрхизæнтæ. Раивдзысты цады быру дæр. Æдыппæтæй цалцæггæнæн куыстытæн радих кодтой 70 милуан сомы. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Хетæгкаты Къостайы номыл парк аразынц парти «Иугонд Уæрæсейы» сæрмагонд проекты фæлгæты – «Городская среда», зæгъгæ. 2018 азы мартъийы Горæты цæрджыты хсæн цы æрфарст сарæзтой, уымæ гæсгæ, фылдæр адæм схъæлæс кодтой цæмæй цалцæггонд æрцæуа Дзæуджыхъæу сæйраг парк. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы сæйраг парк дарддæр цалцæг кæнынц
Категория:
Новости и СМИ