Дзæуджыхъæуы уыд Брэйн-рингы XXII республикон чемпионаты финал
Фæрстытæ - зын æмæ алывæрсыг, дзуæппытæ - æнæрæдыд æмæ цырд. Дзæуджыхъæуы кæронмæ æрхæццæ 22-æм чемпионат Брэйн-рингæй. Хъазты сæйраг кубокыл ацы аз тох кодтой 120 къордæй фылдæр æгас республикæйæ. Ныхас цæуы Георгий Данелияйы зындгонд комеди «Мимино»-йыл. Раст дзуапп раттынæн ис æрмæст иу гæнæн. Фæсивæд хъазты домæнтæ иттæг хорз зонынц æмæ цалдæр уысммæ æлхъивæныл ӕрхæцынц. Фæсивæдон лигæйы кæронбæттæн къæпхæны командæ «Финленд» фембæлд фароны уæлахиздзаутимæ - командæ «03»-имæ. Командæ «Финленд» сæ ныхмæлæуджытæн карз ныхкъуырд радта. Капитан Махъоты Давиды ныхæстæм гæсгæ, ацы аз уæлахизмæ уæндон къахдзæфтæй цыдысты. Фарон ерыс кодтой æртыккаг бынатыл, фæлæ ныры чемпионаты сæ хъул сах абадт. Скъоладзауты лигæйы минæвæрттæн хъазты хицæн кубок ис. Сырх стъолы уæлхъус - Рахизфарсы районы командæ, цъæх стъол - 5-æм гимназы командæ «Бастион». Æрыгон зондабитæ-иу цыфæнды зын фæрстытæн дæр уайтагъд дзуæппытæ ацагуырдтой. Фæсивæд иууылдæр бæллиццаг тырнындзинад равдыстой, фæлæ ацы хатт «Бастион» цыргъзонддæр разынд. Уæвгæ, интеллектуалон хъæзтыты рагæй архайынц. Брэйн-рингы XXII чемпионат æрбамбырд кодта 120 командæйæ фылдæр. Фыццаг къæпхæныл ерыс кодтой районты æмæ горæты интеллектуалон клубтæ. Кæронбæттæн къæпхæнмæ рацыдысты скъоладзауты 16 æмæ фæсивæдон 12 къорды. Фæлæ уæддæр, Бориты Жаннæ куыд зæгъы, афтæмæй клуб «Альбус»-ы сæйраг куыст у фæсивæды зонындзинæдтæ уæрæхӕр кæнын. Ам сын алывæрсыг зонындзинæдтæ дæттынц. Афтæмӕй адæймаг сахуыр вæййы куыд фæтæг æмæ раздзог уæвын, афтæ йæ къорды уæнгтимæ æмвæнд уæвын дæр. Интеллектуалон сфæлдыстадмæ азæй-азмӕ фылдæр адæм райдыдта цымыдис кæнын. Клуб «Альбус» та зæрдæ æвæры, дарддæр зондабиты ног æмæ ног проекттæй зæрдæрухс кӕй кæндзӕн, уымæй. Дзæдзойты Фатимæ