Карл Марксы номыл уынджы хи хæдзары æрцыд тыхджын срæмыгъд
Фæлæ уал нæ эфир райдайдзыстæм æнæнхъæлæджы цауæй. Дзæуджыхъæуы Карл Марксы номыл уынджы хи хæдзары æрцыд тыхджын срæмыгъд. Мидхъуыддæгты министрады рагагъоммæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, фыдбылызмæ расайдта гранатæимæ æнарæхст архайд. Пресс-службæйæ нын куыд фехъусын кодтой, афтæмæй срæмыгъдæй иу адæймаг фæцис рог цæфтæ. Йæ цардæн тæссаг ницæмæй у. Бæллæхы фæстиуджытæ раиртасыныл ныртæккæ кусынц, æвæстиатæй бынатмæ чи `рбахæццæ, уыцы пъæлицæйæгтæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Карл Марксы номыл уынджы хи хæдзары æрцыд тыхджын срæмыгъд
Категория:
Новости и СМИ