Дзанайты Барисы разамындæй ацыд Цæгат Ирыстоны хицауады æмбырд
Алагиры культурæйы хæдзар «Комсомолец» республикæйы исбонадмæ ратдзысты. Уый тыххæй ныхас цыд хицауады æмбырды. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, ныртæккæ йæ «Развитие культуры» паддзахадон программæмæ гæсгæ бындуронæй цалцæг кæнынц. Объект бакæндзысты бындурон арæзтады управленийы бæрны. Æмбырды ма куыд фехъусын кодтой, афтæмæй республикæйы муниципалон скондтæн ратдзысты скъолайы автобустæ æмæ бирæвæрсыг гæрзтæ. Дзырдтой, кусӕндӕттӕн ӕхсӕнады сӕ ахадындзинад чи бӕрӕг кӕны, уыцы ӕууӕлтыл. Уыимӕ фарон ӕмӕ ӕндӕразы бӕрӕггӕнӕнтӕ хыгъды нӕ цӕудзысты. Нымайдзысты, фӕстаг азы хатдзӕгтӕгӕнӕн ӕмгъуыды цы миниуджытӕ уыдзӕн, уыдон.