Эпидемиологон уавæр республикæйы 13% фылдæр нæу
Специалисттæ алы бон дæр мониторинг кæнынц республикæйы скъолатæ æмæ рæвдауæндæттæ. Эпидемиологон уавæр республикæйы 13% фылдæр нæу, Дзæуджыхъæуы уыцы бæрæггæнæн амоны 19%. Уый нæ, фæлæ ма хуыфæгæй, хъуырты низæй æмæ æхснырсæгæй чи хъæрзы, уыцы адæмы нымæц, ивгъуыд къуыриимæ абаргæйæ, фæкъаддæр. Абоны бонмæ республикæйы вакцинаци ацыдысты цæрджыты 35%. Цæстдарæн ведомствойы куыд зæгъынц, афтæмæй æхснырсæджы кæнæ гриппы фыццаг миниуджытæ йæхиуыл чи банкъардта, уыдоны нымæц 2 мин адæймагæй фылдæр у. Уыдонæй се `рдæг дохтыры æххуыс бацагуырдтой Дзæуджыхъæуы. Хи дзæбæх кæнын рынчындоны кæй бахъуыд, уыдоны нымæц у 67 адæймаджы, сæ фылдæр сты Дзæуджыхъæуы. Лабораторон иртæстытæм гæсгæ, гриппæй чи фæрынчын, ахæм адæм республикæйы ис стæмтæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Эпидемиологон уавæр республикæйы 13% фылдæр нæу
Категория:
Новости и СМИ