Дзæуджыхъæуы 18-æм микрорайон райдыдтой нывыл кæнын
Дзæуджыхъæуы 18-æм микрорайон райдыдтой нывыл кæнын. Куыстытæ куыд цæуынц, уый сбæрæг кодта горæты администрацийы сæргълæууæг Фæрниаты Тамерлан. Йемæ администрацийы уæнгтæ дæр. Инспекцийы рæстæг бæрнон кусджытæ се*ргом аздæхтой микрорайоны бирæуæладзыгон хæдзæртты кæртыты цъæхфæлыст куыд нывыл кæнынц, уымæ. Цы сæйраг аллейтæ дзы ис, уыдоны тагъд ныссаддзысты сусхъæд æмæ уисхъæды бæлæстæ. Æркастысты, микрорайоны бырондæтты бынæттæ куыд ифтонггонд сты, уымæ - кæм æмæ дзы цал хъуамæ у, уый. Дзæуджыхъæуы администрацийы цъæхфæлыст æмæ хæрзвадаты разамынды кусджытæ куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй бынат сифтонг кæндзысты 10 контейнерæй. Бирæгъты Аслан, Дзæуджыхъæуы администрацийы хайады хицауады хæдивæг: «Ацы районы хъæбæр коммуналон хауæццæгтæ калыны хъуыддагмæ цæрджытæ фылдæр сæ цæст дарынц. Уый фæдыл снысан кодтам сæрмагонд мадзæлттæ. Хæстæгдæр рæстæг фæнд кæннæм уыцы райхалинаг фарстатæ аиуварс кæнын, цæмæй бынæттон цæрджытæн къуылымпыдзинæдтæ ма уа». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы 18-æм микрорайон райдыдтой нывыл кæнын
Категория:
Новости и СМИ