Дзæуджыхъæуккаг автослесыртæ аирвæзын кодтой гæдыйы лæппыны
Æмæ ма нæ абоны программæйы кæронбæттæны информаци. Хæдтулгæ аразджытæ гæдыйы лæппыны фервæзын кодтой æфсæйнаг амынæтæй. Уый тыххæй автослесырты бахъуыд машинæйы `рдæг райхалын. Видероликмæ интернеты тыгъдады бакастысты мингай адæм. Хæдтулгæйы хицау - сылгоймаг, йæ хъуыдыйы дæр ницы уыд, афтæмæй райсомæй йе `фсæн бæхыл бабадт æмæ уыцы афон капоты бынæй цавæрдæр цъыс-цъыс йæ хъустыл ауад. Афæлвæрдта уазæджы ракъахын цъысымæй, фæлæ йын ницы бантыст. Бахъуыд æй специалисты æххуыс. Куыд рабæрæг, афтæмæй хæдтулгæйы ахæсты бахауд гæдыйы лæппын. Хуыцау хорз, æмæ хæдтулгæйы хицауæн йæ хъустыл ауад йæ хъыллист, æндæр, æвæццæгæн, æмæ ахæм амондджын ирвæзт нæ акодтаид. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуккаг автослесыртæ аирвæзын кодтой гæдыйы лæппыны
Категория:
Новости и СМИ