Æнæ хъæндзинæдтæй
Хъармгæнæн æмгъуыд Цæгат Ирыстоны райдыдта фæткмæ гæсгæ æнæ хъæндзинæдтæй. Уый тыххæй нæ республикæйы сæргълæууæг фехъусын кодта Уæрæсейы хицауады сæрдары хæдивæг Виталий Муткойæн селекторон æмбырды рæстæг. Зымæгмæ бацæттæ кæныны фарстаты фæдыл дзы архайдтой Уæрæсейы субъектты сæргълæуджытæ. Нæ республикæйы уыцы куыстытæ бакæныныл бахардз кодтой 315 милуан сомы. Уыцы `хцайæ базылдысты цардыуаджы коммуникацитæм. Бирæфатерон хæдзæртты сцалцæг кодтой бахизæнтæ, хæдзæртты сæртæ, баивтой рудзгуытæ. Афтæ ма - дондзæуæн хæтæлтæ, хъармгæгæн æмæ электрон тыхдæттæг хызтæ дæр бирæ рæтты. Хъармгæнæн æмгъуыдмæ базылдысты 243 хъармдæттæны æмæ 2 мин бирæуæладзыгон хæдзарæй фылдæрмæ. 13 хъармдæттæн куыстуатæй 8 райстой цæттæдзинады паспорттæ, иннæтæ та хъуамæ цæттæ уой 15 ноябрмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Æнæ хъæндзинæдтæй
Категория:
Новости и СМИ