«Уазал» кафт
Ныртæккæ цы кадртæ фендзыстут, уыдон сисыны тыххæй нæ дард цæуын дæр нæ бахъуыд. Телефонæй сæ ацамал кодтам нæ кæрты сахаты размæ. Изæрырдæм мит ногæй фæлдзæгъдæн систа. Ставд тъыфылтæй арвæй кафгæ сæхи уагътой зæххмæ. Бæргæ рæсугъд у иуварсæй кæсгæйæ, фæлæ цы къуылымпытæм расайдта, уый тыххæй чысыл раздæр загътам. Райсоммæ та фæндæгтæ иууылдæр урс-урсид адардзысты. Коммуналон службæты æгуыстæй бадынмæ æвдæлгæ дæр нæ ракæндзæн. Синоптикты бæрæггæнæнты тыххæй бæлвырддæрæй куы дзурæм, уæд нырма зын бауырнинаг у, фæлæ райсом Цæгат Ирыстоны быдырон районты зæрдæ `вæрынц хуры цæст фенынæй. Ахсæв ацы мит уары, уый, хъуамæ райсоммæ банцайа. Температурæ чысыл фæбæрзонддæр уыдзæн, суанг 3 градусы онг хъарммæ, дымгæ мигътæ хъуамæ иуварс ассива. Кæд ацы ныхæстæ æцæг сты, уæд уый æхсызгон хабар у. Нæ зæрдæ дардзыстæм, æмæ хæхбæсты дæр уавæр фæрогдæр уыдзæн, адæм та сæ бынæттыл сæмбæлдзысты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
«Уазал» кафт
Категория:
Новости и СМИ