Ног азы трамвай рацыд Дзæуджыхъæуы уынгтæм
Ног азы трамвай рацыд Дзæуджыхъæуы уынгтæм. Бæлццæтты ласы лæвар. Вагон срæсугъд кодтой Ног азы символтæй, йæ фæрстыл аив нывтæ. Йæ нысан у горæты цæрджытæ æмæ уазджыты хъæлдзæг кæнын. Цæрджытæн ахæм лæвар сæ зæрдæмæ фæцыд. Горæты администраци куыд хъусын кæны, афтæмæй кусдзæн январы фæлладуадзæн бонты кæронмæ. Вагоны бæлцæттæн æвдисынц Ног азимæ баст кинонывтæ, сæ зæрдæтæ сын рухс кæнынц уарзон мультипликацион кинонывты хъайтартæ. Йæ балц трамвай райдайы æрвылбон Хетæгкаты Къостайы номыл парчы цурæй изæры 6 сахатыл. Эпидемиологон уавæрмæ гæсгæ бынæттæ сты къаддæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv