Æмæ байгом æмбæрзæн
Гулуты Вячеслав æмæ Цомартаты Изæтбег та систы Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреаттæ. Абон сæ кадджын уавæры Ирон театры схорзæхджын кодта нæ республикæйы хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз. Кинорежиссер Гулуты Вячеславæн кад скодтой йæ документалон киноныв "Счастливая звезда генерала", зæгъгæ, уый тыххæй. Фыссæг Цомартаты Изæтбеджы та схорзæхджын кодтой литературæйы къабазы Кады гæххæттæй. Йе `мдзæвгæты æмбырдгонд "Подсолнух"-æй, зæгъгæ, къамис разыйæ баззад. Тускъаты Таймураз лауреаттæн загъта бузныг. Театрмæ æрбацæуджытæн та бæрæгбоны фæдыл, Хетæгкаты Къостайы 159 азы райгуырæн бонмæ, раарфæ кодта. Уый фæдыл Ирон театры сценæйыл а-изæр равдыстой, сæ радон сезон кæмæй байгом кодтой, уыцы спектакль "Фатимæ". Къостайы æнæмæлгæ уацмыс театрдзаутæн сæ зæрдæмæ тынг фæцыд. Къух бакæнæн залы нæ уыд. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Æмæ байгом æмбæрзæн
Категория:
Новости и СМИ