Хи летчиккæй банкъарын, уыимæ, хи къухæй арæзт планер бафæлварын
Хи летчиккæй банкъарын, уыимæ, хи къухæй арæзт планер бафæлварын
Хи летчиккæй банкъарын, уыимæ, хи къухæй арæзт планер бафæлварын. Республикæйы ацыдысты авиамоделированийæ æппæтуæрæсеон ерыстæ. Æрвылаз ацы спорты хуыз кæны парахат. Ам се 'ппæтæн дæр сæ цæттæдзинад ис бæрзонд æмвæзадыл. Сæйрагдæр у, цæмæй планер уæлдæфы фылдæр рæстæг тæха. Ууыл архайы Муххамад Муххамадов дæр. Спортсмен у Налцыгæй. Планертимæ архайы ныр 5 азы. Æмæ йын кæд фыццæгты бынтон хорз нæ уад, уæд ныр ацы спорты сусæгдзинæдтæ хорз зоны. Фæлтæрдджын спортсментæн сæ бон у планер 70 метры онг суадзын. Æппæт модельтæ дæр арæзт сты хи къухæй. Фюзеляж, базыр æмæ æндæр хæйттæ. Аргъ кæнынц, авиамодельты цы бæрзæндмæ тæхынц, цавæр тагъдадимæ, уыимæ цас рæстæгмæ. Кæцыдæртæн ма суанг уайы уæлдæфы æнахуыр фæзилæнтæ аразын дæр. Уый тыххæй цæттæ кæнынц сæрмагонд программæ. Авиамоделон спорт, мадзаларазджыты ныхæстæм гæсгæ, рæзы сабыргай, фæлæ æнтыстджын. Йæ парахат кæнынæн та арæх аразынц æппæтуæрæсеон æмвæзадыл ерыстæ. Ис дзы хорз бæрæггæнæнтæ. Ис нæм дунейы, уыимæ Европæйы чемпионтæ чи сси, ахæм хъомылгæнинæгтæ. Нæ республикæйы сывæллæтты рагагъоммæйы æппæт уагдæтты дæр ис авиамоделон ахуыртæ. Ам нæм ныртæккæ ис спорты дæснытæ 3 адæймаджы. Æмæ, мæнмæ гæсгæ, ахæм бæрæггæнæнтæ сты хорз. Ацы спорты рæзтæн республикæйы арæзт цæуынц æппæт уавæртæ дæр. Ацы аз дзы архайдтой Цæгат Ирыстон, Стъараполы край, Кæсæг Балхъар, Санкт-Петербург æмæ Дзержинскæй. Уæлахиздзаутæ æмæ призерты схорзæх кодтой кубоктæ æмæ майдантæй.