Бæрц фæкъаддæр уыдзæн
Æгуыст адæмы бæрц фæкъаддæр уыдзæн. Куыст чи агуры æмæ йæ чи нæ ары, уыдонæн Дыгуры районы сарæзтой куысты бынæтты армукъа. Йæ архайджытæн фадат уыд равзарын æмæ ацæуын алыхуызон дæсныйæдтыл ахуыр кæнынмæ. Армукъайы сæйраг хæс æгуыст адæмæн баххуыс кæнын æмæ сæ базонгæ кæнын куыст ссарыны сæрмагонд программæимæ. Ваканситы номхыгъды уыд алыхуызон дæсныйæдтæ: хæринаггæнæг, постхæссæг, дохтыр-терапевт, экскаваторыл кусæг, фармацевт æмæ æндæр дæсныйæдтæ. Сæ фылдæр баст сты хойраджы къабаз æмæ арæзтадимæ. Армукъамæ куыстагурæг æрбацыд 50 адæймагмæ ввахс. Ахæм фембæлдтытæ арæзт æрцæудзысты республикæйы æппæт районты дæр. Уый тыххæй фехъусын кодта куыстдæттыны комитеты сæрдар Платы Альбинæ. Ныридæгæн уал ацыдысты Алагиры, Мæздæджы, Горæтгæрон æмæ Рахизфарсы районты. Фæллойы базарады абон куыст чи ссардта, ахæмтæ дæр разынд. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Бæрц фæкъаддæр уыдзæн
Категория:
Новости и СМИ