Дыгургомы архайынц экотуризмы райрæзтыл
Дыгургомы архайынц экотуризмы райрæзтыл. Нæ республикæйы рæсугъддæр кæмттæй иу — Хохы Дыгуры Сергей Селезнёв сарæзта «Камата-Хостел», зæгъгæ фысымуат. Ам 3 бонмæ суазæг кодтой нæ бæстæйы алы бынæттæй туристты. Хæстæгдæр рæстæг фæнд кæнынц хæххон-туристон нырыккон комплекс саразын дæр. Дыгургомы рæсугъдддæр бынæттæ фенын, уыимæ ма хæларзæрдæ адæмимæ рæстæг хорз арвитын. Афæдзæй-афæдзмæ «Камата-Хостелмæ» сӕхимӕ æлвасынц фылдæр туристты. Проекты автор, Сергей Селезнёв кæддæриддæр хæхтæ бирæ уарзта. 4 азы размæ Дыгургомы хаццоны райста хæдзар. 3 азы дæргъы-иу уым Уæрæсейы алы регионæй туристты суазæг кодтой. Ныртæккæ ног хæдзары бынат ис 20 уазæгæн. Номырты цӕрӕн ис куыд дыууæ адæймагæн, афтæ, къордтæй чи уарзы улæфын, уыдонæн. Уыдон та сты хостелы хуызы уӕттӕ 12 адæймагæн. Арæзтады рæстæг, Сергей Селезнёвы ныхæстæм гæсгæ, фылдæр архайдтой экологон æгъдауæй сыгъдæг æрмæджытæй пайда кæныныл. Уæдæ бынæттон æрдзы рæсугъддзинад дæр нæ бахъыгдæрдтой. Хъуамӕ уа ирон хæдзары хуызы. Фарон та бинонтæн бантыст Уæрæсейы туризмы комитеты конкурсы грант рамбулын. Проектмæ гæсгæ ма хæдзары цур фæзындзæн лагерь халагъудтæй. Сергей йæ райрæзтыл ныридæгæн кусын райдыдта. Уазджыты сифтонг кæндзысты туристон гæрзтæй. Кусынц сæрмагонд маршруттыл дæр. Уыдзысты алы кары адæмæн. Экскурситæн разамынд дæтдзысты бинонтæ сæхæдæг. Туристты бон уыдзæн алы бынаты истори дæр базонын. 4 маршруты сты цæттæ. Ацы азы кæронмæ суыдзысты 10. Цалдæр азмæ Камата-Хостел бирæ туристтæн сси уарзон бынат. Тихон Зубков фыццаг хатт республикæмæ ссыд сывæллæтты экспедициимæ. Уæд Дыгургомы æрдз æмæ Селезнёвты уазæгуарзондзинад йæ зæрдæйы арф фæд ныууагътой. Ацы аз сфæнд кодта хæххон æрдз фæззæджы фенын. Майы хæххон-туристон космплекс уыдзæн цæттæ. Бынат ды уыдзæн 60 адæймагæн. Сергей ма фæнд кæны Дыгургомы хæхтыл бырынæй фестиваль саразын. Уымæн дæр цæттæ кæны 60 трассæйæ фылдæр. Хуасдзауты Алинæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv