Аразгæ зондæй
Дзæуджыхъæуы абон уыдысты Цæгат Кавказы зылды ерыстæ робототехникæйæ. Архайдтой дзы нæ республикæйы скъоладзаутæ. Ерыстæ сарæзтой дыууæ хайæ: фыццаг - кæстæр кары архайджытæн, цæуы сыл 7 азæй 11 азы онг. Æмæ хистæр æрхъуыдыгæнджытæн, уыдоныл та цæуы 12 азæй 17 азы онг. Сывæллæттæ бацæттæ кодтой алыхуызон роботтæ: зæхкусджытæ, зынгхуыссынгæнджытæ, скорпионтæ æмæ æндæртæ. Аразджыты ныхæстæм гæсгæ, фæсивæд хорз куыстытæ бацæттæ кодтой. Бирæтыл сæ зæгъæн ис, фидæны сæ дæсны инженертæ æмæ программисттæ кæй рауайдзæн, уый. Роботехникæйæ ерыстæ нæ республикæйы уыдысты 5-æм хатт. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Аразгæ зондæй
Категория:
Новости и СМИ