Алагиры скъоладздаутæн фæзынд ног футболон фæз
Алагиры скъоладздаутæн фæзынд ног футболон фæз. Арæзтадон куыстытæ цыдысты 4 мæйы. Абон та йæ кадджын уавæры байгом кодтой. Фæсивæд æм рагæй æнхъæлмæ кастысты. Раздæр фæз хæмпæлгæрдæджы бын фæци æмæ дзы сывæллæттæ афтæмæй хъазыдысты уарзон спорты хуызæй. Ныр йæ хуыз скалдта. Ног фæз рацарæзтой Алагиры районы администраци æмæ «Газпромы» хъæппæрисæй. Кадджын мадзалмæ æрбацыд Цæгат Ирыстоны Хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз. Алагиры цæрджытæн ахæм лæвар уæлдай хсызгон уыд. Фæсивæд худгæйæ куыд дзурынц, афтæмæй чи дунеон чемпионаты хъаздзæн, чи та Алагиры ног фæзыл. Уæвгæ та хæсдзысты Уæрæсейы иугонд командæйы фарс. Йæ тренер Черчесты Станислав йæхæдæг дæр Алагирæй у. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Алагиры скъоладздаутæн фæзынд ног футболон фæз
Категория:
Новости и СМИ