Фæсивæд концерты æппæт архайджыты æмрæнхъ сæ курдиат равдыстой Офицерты хæдзары сценæйыл

Фæсивæдæн сæ уарзондæр кæфтытæ сты ирон симд æмæ уæздан хонгæ. Уæдæ хъæлдзæг цæцæйнаг æмæ ма суанг индаиг кæфтытæ дæр уарзынц. Адæймаджы куы бафæнда, уæд йæ гæнæнтæ æгæрон сты. Æмæ уымæн æвдисæн ацы сывæллæттæ: зарынц, кафынц, æмдзæвгæтæ кæсынц... Фæсивæд концерты æппæт архайджыты æмрæнхъ сæ курдиат равдыстой Офицерты хæдзары сценæйыл. Дзæуджыхъæумæ Налцыккæй ссыд ансамбль "Арабеск". Равдысты размæ алчидæр фæтыхсы, фæлæ сын разамонæг сæ зæрдæтæ фæфидар кæны. "Дæ дзыхыл ма хæц", зæгъгæ, номыр бацæттæ кодтой къуыримæ.             — Тынг æхсызгонæй ӕмӕ цингӕнгӕ ссыдыстæм. Мадзаларазджытæн дæр æххуыс кæнæм æмæ нæхицæн дæр пайда у. Нæ сабитæ сæ курдиат равдыстой, бынæттон фæсивæды равдыстытæм бакастысты. Ахæм мадзæлттæ æнæмæнг хъæуынц. Уый нæ царды иу хай у. Алы сывæллоны дæр хъæуы ахуыр кæнын хæлардзинад, æмбарындзинадыл. Концерт "Сфæлдыстад æнæ арæнтæй" æрбангом кодта, се 'нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы адæмы. Бацæттæ йæ кодта Хъараты Аланæ. Йæхæдæг дæр иучысыл тыхсы. Ацы концерт йæ дипломон куыст у. Алы равдыстмæ дæр йæ цæст дары зонадон разамонæг - Культурæйы республикон колледжы директор Æлбегаты Ларисæ. Сæ курдиат равдыстой 80 сывæллонæй фылдæр. Сты Цæгат Ирыстон, Кæсæг-Балхъары æмæ Цæцæны республикæтæй. "Сфæлдыстад æнæ арæнтæй" - хуымæтæг концерт нæу. Инклюзийы гæнæнтæ фæуæрæхдæр кæнынмæ у æнтыстджын къахдзæф.

Иконка канала IRYSTONTV
1 463 подписчика
12+
19 просмотров
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии